Ирон адæм
Ирæттæ | |
---|---|
Ахæлиу æмæ нымæц | |
Æдæппæт: ▲ 700 000 | |
Уæрæсе: 528 515 (2010)[1], 514 875 (2002)[2]
Хуссар Ирыстон: 48 146 (2015)[3]
Украинæ: 8834 (2010)[9] |
|
Иумæйаг информаци | |
Æвзаг | ирон |
Дин | чырыстон дин, пысылмон дин, ирæтты адæмон дин |
Кæй сконды у | ирайнаг адæмтæ |
Этникон дæлкъордтæ | дыгур, ир |
Фыдæлтæ | алайнæгтæ, сæрмæттæ, кавказаг адæмтæ |
Викикъæбицы медиа |
Ирон адæм (ир, ирæттæ, дыгур. ирæ, ирæнттæ) cты цæгат-скæсæйнаг ирайнаг æвзагыл дзурæг адæмыхатт, сæ фылдæр хай цæры Ирыстоны (Хуссар æмæ Цæгаты дæр). Ирæттæ дзурынц ирон æвзагыл, уыдонæй сæ фылдæрæй дæр сты дывзагон (зонынц ма уырыссаг æвзаг, цалдæр раны та — гуырдзиаг кæнæ туркаг).
Ирон æвзаг дих кæны дыууæ диалектыл: ирон æмæ дыгурон. Уыдоныл дзурæг адæмы хонынц ир æмæ дыгур.
Ирæттæ равзæрдысты ирайнаг цæугæцардгæнæг знæмæй, алантæй, кæцытæ гуннты ныббырсты фæстæ æрбынат кодтой Кавказы æмæ дзы сарæзтой тыхджын æстæузаман паддзахад, Алани. XIV æнусы, Тамерланы ныббырсты фæстæ, сæ баззайæггагтæ дарддæр хæхтæм алыгъдысты, æрцардысты Кавказы хæхты хуссар æмæ цæгат фæрстыл æмæ райдийæн радтой нырыккон ирæттæн.
Этноним
[ивын | Бындур ивын]Иу версимæ гæсгæ дзырд «ирон» рацыди дзырд «арийон»-æй[20] (آریا, ārya, aryien — «уæздан»). Фæлæ номдзыд иранист Абайты Васо ацы гипотезæимæ разы нæ уыд, уымæ гæсгæ ныхасæй "арийон" цыдис ирæтты фыдæлты хином — "аллон", ныхæстæ та "Ир" æмæ "Ирон" цæуынц цыдæр рагон Кавказаг топонимæй[21]. Цасдæр иртæсджыты хъуыдымæ гæсгæ дзырд "Ир" цæуы рагон ирайнаг ныхасæй "uira", авестиаг "vira", кæцы нысæн кæны "лæг" кæнæ "хъайтæр" нырыкон ирон æвзагыл. Ацы ныхас ис æндæр скæсæйнаг ирайнаг æвзагты дæр, зæгъæм согъдиаг "wyr" æмæ ягънобаг "vir"[22].
Ирон адæмы æндæр субэтникон къорд, дыгурæттæ, сæхи ирæттæй нæ хонынц æмæ сæ хином у афтиддæр дигорæнттæ. Ныхасы Дигор кæнæ Дыгур рагондæр кой у Сомихаг географийы "Ашхарацуйц" æмæ фыст дзы у куыд "Аш-Тикор". Абайты В.-мæ гæсгæ ныхас Дигор дæр кавказаг топонимæй цæуы æмæ йæ уидæг Диг рæвзæрдис кæсгон адæмы этнонимæй — Адыгэ.
Ирæтты этноним æндæр æвзæгтыл
[ивын | Бындур ивын]Æндæр æвзæгтæй фылдæрыл ирæтты хонынц «осетины», «ossetians». Уый рацыди, «ოსეთი», зæгъгæ, уыцы гуырдзиаг дзырдæй [osetʰi]. Гуырдзиаг "осети" та цæуы уидыгæй "ос" кæнæ "ас", афтæ алайнагты ходтой сæ сыхæг адæмыхаттæй бирæтæ. Уымæй дæр цæуы рагон уырыссаг азгайфыстытæй ныхас "яс", монгойлаг ныхас "ас" (кæс асуд дæр) æмæ æндæртæ. Нырыккон ирон æвзаджы ацы уидыг баззадис куыд балхъайраг адæмы æндæр ном, æссон. Æвæццагæн афтæ у уый тыххæй, æмæ нырыккон Балхъары территорийы раджы цæрдысты ирон знæмтæ, балхъайрæгтæ та сæ уырдыгæй æддæмæ ассыдтой, фæлæ сæ ном ацы территоримæ баст баззадис.[23]
- абх. ауаҧс
- гуырдз. ოსები (osebi)
- сар. სავიარ (saviar)
- мæхъхъ. æмæ цæц. хӀирий
- сол. гьириял
- сом. օսեր (oser)
- адыгъ. къущхьэхэр
- хъæр.-балхъ. тегейлиле
Кæм цæрынц
[ивын | Бындур ивын]Цæрджыты æппæтуæрæсейаг сфыстмæ гæсгæ (2010), Уæрæсейы цæрынц 528 мин ироны. Уæлдайдæр бирæ сты ацы регионты:
- Цæгат Ирыстон — ▲ 459,7 мин (2010 азы)
- Мæскуы — ▲ 11,3 мин (2010)
- Кæсæг-Балхъар — ▼ 9,8 мин (2010)
- Стъараполы край — ▲ 8,0 мин (2010)
- Краснодары край — 4,1 мин (2002)
- Хъæрæсе-Черкес — ▼ 3,1 мин (2010)
- Бетъырбух — 2,8 мин (2002)
- Ростовы облæст — 2,6 мин (2002)
- Мæскуыйы облæст — 2,4 мин (2002)
Хуссар Ирыстоны цæрджытæй фылдæр хай сты ирæттæ.
Гуырдзыстоны 2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ цардысты 38 мины бæрц ирæттæ.
Турчы цæрынц 20-36 мин ироны[24][25] — XIX æнусы Османты империмæ чи ралыгъдысты, уыцы пысылмон ирæтты байзæддæгтæ.
Ирон диаспорæтæ ма ис Францы[26], Канадæйы (Торонто)[27], АИШ-ы[28].
Венгрийы XIII æнусæй цæрынц ясаг адæм, сæ равзæрдмæ гæсгæ сты ирон. Кæд се ’ппæт дæр нал дзурынц иронау, уыдоны ’хсæн рæзы национ хиæмбарынад, æмæ фидар кæнынц Ирыстонимæ бастдзинæдтæ.
Галерей
[ивын | Бындур ивын]-
Чызг ирон дарæсы (1883) -
Ирон сылгоймæгтæ (XIX æнус) -
Ирон лæг Цæгат Кавказы, XVIII æнусы дарæсы (XIX æнус) -
Чызг ирон дарæсы. XX æнусы райдианы конд къам -
Ирон лæгтæ -
Едысы ныхас -
Ирон лæг (Хъобан, 1881) -
Дудараты чызджытæ -
Ирæттæ Нузалы -
Ирон ахуыргæнджытæ
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,00 1,01 1,02 1,03 1,04 1,05 1,06 1,07 1,08 1,09 1,10 1,11 1,12 Итоги Всероссийской переписи населения 2010 года в отношении демографических и социально-экономических характеристик отдельных национальностей
- ↑ Всероссийская перепись населения 2002 года(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 24 декабры. Архив 2009-æм азы 26 октябры.
- ↑ Итоги всеобщей переписи населения Республики Южная Осетия 2015 года / Ответственные за выпуск: И. Р. Тибилов, Т. В. Базаев, Р. Р. Зассеева, М. Э. Пухаева, А. В. Сиукаева, М. Х. Гучмазова. — Цхинвал: Управление государственной статистики Республики Южная Осетия, 2016. — 452 с. Архивированная копия(недоступная ссылка). Датæ: 2017-æм азы 7 августы. Архив 2017-æм азы 10 июлы.
- ↑ Turkey- People Groups. Ossete // Joshua Project. A ministry of the U.S. Center for World Mission(недоступная ссылка). Датæ: 2016-æм азы 12 мартъийы. Архив 2015-æм азы 28 декабры.
- ↑ 5,0 5,1 5,2 5,3 Национальный состав по краям Грузии (Total population by regions and ethnicity). Итоги переписи населения Грузии 2014 года (2014 GENERAL POPULATION CENSUS RESULTS)(англ.)(недоступная ссылка). Национальная статистическая служба Грузии. Датæ: 2016-æм азы 28 апрелы. Архив 2016-æм азы 8 августы.
- ↑ Перепись населения Грузии (без Южной Осетии и Абхазии) 2002 г. С частью Ахалгорского (ныне Ленингорского района РЮО), контролировавшейся Грузией до августа 2008 года, — 38 026 осетин.
- ↑ По переписи 1989 года в Грузинской ССР было 164 055 осетин, в том числе в Юго-Осетинской автономной области — 65 223 осетина и 98 832 в остальной Грузинской ССР ([1]).
- ↑ 8,0 8,1 8,2 Перепись населения Грузии (без Южной Осетии и Абхазии) 2002 г.
- ↑ Всеукраїнський перепис населення 2001. Русская версия. Результаты. Национальность и родной язык . Датæ: 2012-æм азы 25 февралы.
- ↑ Ossete in Uzbekistan // Joshua Project. A ministry of the U.S. Center for World Mission .
- ↑ Ossete in Azerbaijan // Joshua Project. A ministry of the U.S. Center for World Mission .
- ↑ Ossete in Turkmenistan // Joshua Project. A ministry of the U.S. Center for World Mission .
- ↑ Агентство Республики Казахстан по статистике. Перепись 2009. Архивгонд æрцыдис 1 майы 2012 азы. (Национальный состав населения Архивгонд æрцыдис 11 майы 2011 азы..rar)
- ↑ Tajikistan - People Groups. Ossetic // Joshua Project. A ministry of the U.S. Center for World Mission .
- ↑ Сирийские осетины просятся на историческую родину (уырыс.)
- ↑ Национальный состав Абхазии Перепись 2011 г.(недоступная ссылка). Датæ: 2013-æм азы 24 ноябры. Архив 2018-æм азы 10 февралы.
- ↑ Kyrgyzstan - People Groups. Ossete // Joshua Project. A ministry of the U.S. Center for World Mission .
- ↑ Итоги переписи населения Беларуси 2009 г. Национальный состав.
- ↑ Архивированная копия(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 17 июлы. Архив 2020-æм азы 2 мартъийы.
- ↑ Проект Анахарсис. Из истории алан-осетин(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 10 июны. Архив 2008-æм азы 12 декабры.
- ↑ Абаев, В. И. Историко-этимологический словарь осетинского языка // Москва-Ленинград: Издательство Академии наук СССР, 1958. — Т.1 (A-K') — С. 545—546.
- ↑ Studies in the Historical Development of the Ossetic Vocalism By Johnny Cheung / Дж. Чёнг «Очерки исторического развития осетинского вокализма» (Под редакцией Ю. А. Дзиццойты, Перевод с английского Т. К. Салбиева), Год: 2008, Издательство: Издательско-полиграфическое предприятие им. В. Гассиева, стр. — 271
- ↑ Всеволод Миллер - Осетинские этюды
- ↑ О миграциях осетин на сайте Постоянного представительства Республики Северная Осетия — Алания при Президенте РФ(недоступная ссылка). Датæ: 2012-æм азы 30 майы. Архив 2009-æм азы 1 майы.
- ↑ Joshua Project
- ↑ http://www.ossetia.ru/ir/ass-oss
- ↑ В Канаде живет до трех тысяч осетин(недоступная ссылка). Датæ: 2012-æм азы 30 майы. Архив 2009-æм азы 25 апрелы.
- ↑ США. Первое собрание «Аланского союза»(недоступная ссылка). Датæ: 2012-æм азы 30 майы. Архив 2004-æм азы 20 декабры.