Перейти к содержанию

Ирон адæм

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ирон адæм
Нымæц
  • 670 000 ад.
Æвзаг ирон æмæ уырыссаг
Дин чырыстон дин, пысылмон дин æмæ растуырнæг дин[1][2][…]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Ирон адæм (ир, ирæттæ, дыгур. ирæнттæ) cты цæгат-скæсæйнаг ирайнаг æвзагыл дзурæг адæмыхатт, сæ фылдæр хай цæры Ирыстоны (Хуссар æмæ Цæгаты дæр). Ирæттæ дзурынц ирон æвзагыл, уыдонæй сæ фылдæрæй дæр сты дывзагон (зонынц ма уырыссаг æвзаг, цалдæр раны та — гуырдзиаг кæнæ туркаг).

Ирон æвзаг дих кæны дыууæ диалектыл: ирон æмæ дыгурон. Уыдоныл дзурæг адæмы хонынц ир æмæ дыгур.

Ирæттæ равзæрдысты ирайнаг цæугæцардгæнæг знæмæй, алантæй, кæцытæ гуннты ныббырсты фæстæ æрбынат кодтой Кавказы æмæ дзы сарæзтой тыхджын æстæузаман паддзахад, Алани. XIV æнусы, Тамерланы ныббырсты фæстæ, сæ баззайæггагтæ дарддæр хæхтæм алыгъдысты, æрцардысты Кавказы хæхты хуссар æмæ цæгат фæрстыл æмæ райдийæн радтой нырыккон ирæттæн.

Этноним

Иу версимæ гæсгæ дзырд «ирон» рацыди дзырд «арийон»-æй[3] (آریا, ārya, aryien — «уæздан»). Фæлæ номдзыд иранист Абайты Васо ацы гипотезæимæ разы нæ уыд, уымæ гæсгæ ныхасæй "арийон" цыдис ирæтты фыдæлты хином - "аллон", ныхæстæ та "Ир" æмæ "Ирон" цæуынц цыдæр рагон Кавказаг топонимæй[4]. Цасдæр иртæсджыты хъуыдымæ гæсгæ дзырд "Ир" цæуы рагон ирайнаг ныхасæй "uira", авестиаг "vira", кæцы нысæн кæны "лæг" кæнæ "хъайтæр" нырыкон ирон æвзагыл. Ацы ныхас ис æндæр скæсæйнаг ирайнаг æвзагты дæр, зæгъæм согъдиаг "wyr" æмæ ягънобаг "vir"[5].

Ирон адæмы æндæр субэтникон къорд, дыгурæттæ, сæхи ирæттæй нæ хонынц æмæ сæ хином у афтиддæр дигорæнттæ. Ныхасы Дигор кæнæ Дыгур рагондæр кой у Сомихаг географийы "Ашхарацуйц" æмæ фыст дзы у куыд "Аш-Тикор". Абайты В.-мæ гæсгæ ныхас Дигор дæр кавказаг топонимæй цæуы æмæ йæ уидæг Диг рæвзæрдис кæсгон адæмы этнонимæй - Адыгэ.

Ирæтты этноним æндæр æвзæгтыл

Æндæр æвзæгтæй фылдæрыл ирæтты хонынц «осетины», «ossetians». Уый рацыди, «ოსეთი», зæгъгæ, уыцы гуырдзиаг дзырдæй [osetʰi]. Гуырдзиаг "осети" та цæуы уидыгæй "ос" кæнæ "ас", афтæ алайнагты ходтой сæ сыхæг адæмыхаттæй бирæтæ. Уымæй дæр цæуы рагон уырыссаг азгайфыстытæй ныхас "яс", монгойлаг ныхас "ас" (кæс асуд дæр) æмæ æндæртæ. Нырыккон ирон æвзаджы ацы уидыг баззадис куыд балхъайраг адæмы æндæр ном, æссон. Æвæццагæн афтæ у уый тыххæй, æмæ нырыккон Балхъары территорийы раджы цæрдысты ирон знæмтæ, балхъайрæгтæ та сæ уырдыгæй æддæмæ ассыдтой, фæлæ сæ ном ацы территоримæ баст баззадис.[6]

Кæм цæрынц

Цæрджыты æппæтуæрæсейаг сфыстмæ гæсгæ (2010), Уæрæсейы цæрынц 528 мин ироны. Уæлдайдæр бирæ сты ацы регионты:

Хуссар Ирыстоны цæрджытæй фылдæр хай сты ирæттæ.

Гуырдзыстоны 2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ цардысты 38 мины бæрц ирæттæ.

Турчы цæрынц 20-36 мин ироны[7][8]XIX æнусы Османты империмæ чи ралыгъдысты, уыцы пысылмон ирæтты байзæддæгтæ.

Ирон диаспорæтæ ма ис Францы[9], Канадæйы (Торонто)[10], АИШ[11].

Венгрийы XIII æнусæй цæрынц ясаг адæм, сæ равзæрдмæ гæсгæ сты ирон. Кæд се ’ппæт дæр нал дзурынц иронау, уыдоны ’хсæн рæзы национ хиæмбарынад, æмæ фидар кæнынц Ирыстонимæ бастдзинæдтæ.

Культурæ

Музыкалон культурæ

Архитектурæ

Галерей

Кæс

Фиппаинæгтæ

  1. https://ruskline.ru/monitoring_smi/2011/11/17/pravoslavie_s_osetinskim_akcentom/Православие
  2. http://respublikarso.org/elections/593-hristianstvo-v-osetii-tysyacheletnyaya-tradiciya-ili-ne-slishkom-li-my-zanizhaem-datu-prinyatiya-osetiey-hristianstva.html
  3. Проект Анахарсис. Из истории алан-осетин
  4. Абаев, В. И. Историко-этимологический словарь осетинского языка // Москва-Ленинград: Издательство Академии наук СССР, 1958. — Т.1 (A-K') — С. 545—546.
  5. Studies in the Historical Development of the Ossetic Vocalism By Johnny Cheung / Дж. Чёнг «Очерки исторического развития осетинского вокализма» (Под редакцией Ю. А. Дзиццойты, Перевод с английского Т. К. Салбиева), Год: 2008, Издательство: Издательско-полиграфическое предприятие им. В. Гассиева, стр. — 271
  6. Всеволод Миллер - Осетинские этюды
  7. О миграциях осетин на сайте Постоянного представительства Республики Северная Осетия — Алания при Президенте РФ
  8. Ошибка цитирования Неверный тег <ref>; для сносок joshua не указан текст
  9. http://www.ossetia.ru/ir/ass-oss
  10. В Канаде живет до трех тысяч осетин
  11. США. Первое собрание «Аланского союза»