Перейти к содержанию

Коцойты Арсен: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч Робот баххæст кодта: ja:アルセン・コストイエフ
ч Робот Аиуварс: ja:アルセン・コツォイェフ
Рæнхъ 55: Рæнхъ 55:
[[he:ארסן קוטסויב]]
[[he:ארסן קוטסויב]]
[[it:Arsen Borisovič Kozoev]]
[[it:Arsen Borisovič Kozoev]]
[[ja:アルセン・コストフ]]
[[ja:アルセン・コツォフ]]
[[la:Arsenius Kotsoiev]]
[[la:Arsenius Kotsoiev]]
[[nds:Arsen Borissowitsch Kozojew]]
[[nds:Arsen Borissowitsch Kozojew]]

Фæлтæр 12:52, 2 апрелы 2008

Коцойты Арсены къам

Коцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци), зындгонд ирон фыссæг. Райгуырд 1872-æм азы 16 январы Джызæлы, фæзиан ис Дзæуджыхъæуы 4 февралы 1944.

Коцойты Арсен нымад у ирон прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл.

Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæгæрз и чингуытæ кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыд Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ.

Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхт Джызæлмæ æмæ бавдæлд фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895 азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры.

Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты Калачы, Бетырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.).

1910-æм азы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл Калачы уагъта алкъуырион журнал «Æфсир», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл.

«Æфсир» æхгæд куы 'рцыд, уæд Арсен абалц кодта Бетырбухмæ. Куыста дзы Ленины газет «Правдайы» корректорæй (ома уырыссаг æвзаг афтæ хорз зыдта).

«Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй», — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй Джыккайты Шамил. Йæ цалдæр радзырдты фыссы туг исыны æгъдауыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый ирон адæмæн. «Нæ фыдбылызты фыддæр», — афтæ схуыдта Арсен ирæды («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.

Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазты дæр. Ныффыста иу уацау («Джанаспи»), иу роман («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы.

Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг 1939 азы хорзæхджын æрцыд орден «Кады нысанæй». Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæу æмæ Беслæны уынгтæ.

Уацмыстæ

Коцойты Арсены уацмыстæ мыхуырæй цыдысты ирон газет æмæ журналты, стæй мæнæ уыцы хицæн чингуытæй:

  • Радзырдтæ. Цхинвал, 1924;
  • Радзырдтæ. Мæскуы, 1927.
  • Радзырдтæ. Цхинвал, 1929;
  • Радзырдты æмбырдгонд. 1-аг чиныг, Орджоникидзе, 1934.
  • «Фыдбылыз», «Цæукъа æмæ фыркъа», «Ханиффæйы мæлæт», «Джанаспи». Орджоникидзе, 1940.
  • Уацмыстæ, фыццаг том. Дзæуджыхъæу, 1949.
  • Уацмыстæ. Орджоникидзе, 1971.

1971-æм азы рауагъд нымад у Арсены тæккæ æххæст радзырдты æмбырдгондыл.

Æддаг æрмæг