Перейти к содержанию

Коцойты Арсен: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Нет описания правки
 
Рæнхъ 29: Рæнхъ 29:
Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон [[газет|газеттæ]] æмæ журналты [[Тбилис]]ы (Калачы), [[Бетъырбух]]ы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: ''Арсен Дарьяльский'', ''Хабос'', ''Иунæг'', ''Габойты Габо'', ''Ар.'').
Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон [[газет|газеттæ]] æмæ журналты [[Тбилис]]ы (Калачы), [[Бетъырбух]]ы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: ''Арсен Дарьяльский'', ''Хабос'', ''Иунæг'', ''Габойты Габо'', ''Ар.'').


[[1910-æм аз]]ы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл [[Тбилис]]ы уагъта алкъуырион журнал «[[Æфсир (журнал)|Æфсир]]», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры<ref>Четиты Рубен. Ирон мыхуыры фыццаг фæлварæнтæ. // «Рæстдзинад», 1997 азы 14 январы</ref>, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены [[радзырд|радзырдтæ]] ирон æвзагыл.
[[1910-æм аз]]ы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл [[Тбилис]]ы уагъта æрвылкъуырион журнал «[[Æфсир (журнал)|Æфсир]]», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры<ref>Четиты Рубен. Ирон мыхуыры фыццаг фæлварæнтæ. // «Рæстдзинад», 1997 азы 14 январы</ref>, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены [[радзырд|радзырдтæ]] ирон æвзагыл.


«Æфсир» æхгæд куы æрцыдис, уæд Арсен абалц кодта Бетъырбухмæ. Куыста дзы [[Ленин]]ы [[Правда (газет)|газет «Правдайы»]] корректорæй (ома [[уырыссаг æвзаг]] афтæ хорз зыдта).
«Æфсир» æхгæд куы æрцыдис, уæд Арсен абалц кодта Бетъырбухмæ. Куыста дзы [[Ленин]]ы [[Правда (газет)|газет «Правдайы»]] корректорæй (ома [[уырыссаг æвзаг]] афтæ хорз зыдта).


«''Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй''», — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй [[Джыккайты Шамил]]. Йæ цалдæр радзырдты фыссы [[туг исыны æгъдау]]ыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый [[ирон адæм]]æн. «''Нæ фыдбылызты фыддæр''», — афтæ схуыдта Арсен [[ирæд|ирæды]] («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.
«''Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй''», — фыста Коцойы-фырты уацмысты тыххæй [[Джыккайты Шамил]]. Йæ цалдæр радзырдты фыссы [[туг исыны æгъдау]]ыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый [[ирон адæм]]æн. «''Нæ фыдбылызты фыддæр''», — афтæ схуыдта Арсен [[ирæд|ирæды]] («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.


Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазты дæр. Ныффыста иу [[уацау]] («Джанаспи»), иу [[роман]] («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр [[пьесæ]]йы.
Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабæзты дæр. Ныффыста иу [[уацау]] («Джанаспи»), иу [[роман]] («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр [[пьесæ]]йы.


Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг [[1939]] азы хорзæхджын æрцыд [[орден]] «[[Кады нысан|Кады нысанæй]]». Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæу æмæ [[Беслæн|Беслæны]] уынгтæ.
Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг [[1939]] азы хорзæхджын æрцыд [[орден]] «[[Кады нысан|Кады нысанæй]]». Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæу æмæ [[Беслæн|Беслæны]] уынгтæ.

Нырыккон фæлтæр 10:58, 12 декабры 2023

Коцойты Арсен
Райгуырды датæ 1872-æм азы 15 январы(1872-01-15)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1944-æм азы 4 февралы(1944-02-04)[1] (72 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, журналист, тæлмацгæнæг
Сфæлдыстады азтæ 1900
Уацмысты æвзаг ирон
Хорзæхтæ
орден «Кады Нысан»
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Коцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци), зындгонд ирон фыссæг. Райгуырдис 1872-æм азы 16 январы Джызæлы, амардис Дзæуджыхъæуы 1944-æм азы 4 февралы.

Коцойты Арсен нымад у ирон аив прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл.

Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæгæрз ис чингуытæ кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыдис Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ.

Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхтис Джызæлмæ æмæ бавдæлдис фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895 азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры.

Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты Тбилисы (Калачы), Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.).

1910-æм азы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл Тбилисы уагъта æрвылкъуырион журнал «Æфсир», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры[2], уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл.

«Æфсир» æхгæд куы æрцыдис, уæд Арсен абалц кодта Бетъырбухмæ. Куыста дзы Ленины газет «Правдайы» корректорæй (ома уырыссаг æвзаг афтæ хорз зыдта).

«Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй», — фыста Коцойы-фырты уацмысты тыххæй Джыккайты Шамил. Йæ цалдæр радзырдты фыссы туг исыны æгъдауыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый ирон адæмæн. «Нæ фыдбылызты фыддæр», — афтæ схуыдта Арсен ирæды («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.

Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабæзты дæр. Ныффыста иу уацау («Джанаспи»), иу роман («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы.

Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг 1939 азы хорзæхджын æрцыд орден «Кады нысанæй». Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæу æмæ Беслæны уынгтæ.

Уацмыстæ

[ивын | Бындур ивын]

Коцойты Арсены уацмыстæ мыхуырæй цыдысты ирон газет æмæ журналты, стæй мæнæ уыцы хицæн чингуытæй:

  • Радзырдтæ. Цхинвал, 1924;
  • Радзырдтæ. Мæскуы, 1927.
  • Радзырдтæ. Цхинвал, 1929;
  • Радзырдты æмбырдгонд. 1-аг чиныг, Орджоникидзе, 1934.
  • «Фыдбылыз», «Цæукъа æмæ фыркъа», «Ханиффæйы мæлæт», «Джанаспи». Орджоникидзе, 1940.
  • Уацмыстæ, фыццаг том. Дзæуджыхъæу, 1949.
  • Уацмыстæ. Орджоникидзе, 1971.

1971-æм азы рауагъд нымад у Арсены тæккæ æххæст радзырдты æмбырдгондыл.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Коцоев Арсен Борисович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  2. Четиты Рубен. Ирон мыхуыры фыццаг фæлварæнтæ. // «Рæстдзинад», 1997 азы 14 январы