Сантæ-Катаринæ
Сантæ-Катаринæ (порт. Santa Catarina [ˈsɐ̃ta kataˈɾina]) у штат Бразилийы хуссары. Цæрыны стандарттæ дзы сты бæстæйы бæрзонддæртæй иу. Штаты сæйраг сахар у Флорианополис, уый лæууы Сантæ-Катаринæйы сакъадахыл. Сыхагон штаттæ сты Риу-Гранди-ду-Сул хуссары æмæ Парана цæгаты. Штаты скæсæны арæн у Атлантикон фурды был, ныгуылæны та — Аргентинæйы провинци Мисьонес.
Штат | |||||
Сантæ-Катаринæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
порт. Santa Catarina | |||||
|
|||||
27°16′ ю. ш. 50°29′ з. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Бразили | ||||
Кæй сконды у | Бразилийы Хуссар регион | ||||
Админ. центр | Флорианополис | ||||
Сæргълæууæг | Carlos Moisés da Silva[d] | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрды датæ | 1889 | ||||
Фæзуат | |||||
Сахатон таг | UTC-3 | ||||
Стырдæр сахартæ | Жоинвили, Флорианополис, Блуменау | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | |||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Код ISO 3166-2 | BR-SC | ||||
Официалон сайт(порт.) | |||||
Викикъæбицы медиа |
Сантæ-Катаринæйы цæрджытæй фылдæр сты, Португали, Герман æмæ Италийæ чи æрбалыгъдысты, уыцы адæмы фæдонтæ. Гермайнаг тæваг Сантæ-Катаринæйы у цæстуынгæ. Гермайнагау хуынд сахар Блуменауы æрвылаз бæрæг кæнынц Октоберфест — æмæ, дам, у дунейы дыккаг стырдæр ахæм фестиваль.
2008-æм азы барæггæнæнтæм гæсгæ, штаты цæрынц 6,1 милуан адæймаджы (61,53 алы квадратон километры), сæ нымæц рæзы. Сантæ-Катаринæйы цæрджытæй сæ фылдæр (82,5%) цæрынц сахарты. Сæ расæмæ гæсгæ 86,6% сты урс, 9,4% — пардо («морæхуыз»), 3,6% — сау[3].