Перейти к содержанию

Эскобар, Пабло

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Пабло Эмилио Эскобар Гавириа (исп. Pablo Emilio Escobar Gaviria; райгуырдис 1949-æм азы 1 декабры — амардис 1993-æм азы 2 декабры) уыдисколумбиаг наркотикты бирæгай уæйгæнæг. Уый зындгонд у куыд «дунейы стырдæр фыдгæнджытæй иу». Гæнæн и, æмæ уый уыдис дунейы историйы хъæздыгдæр къæрных,[1] кæнæ та дыккагæм — Амадо Каррильо Фуэнтесы фæстæ.[2] 1989-æм азы журнал Forbes фехъусын кодта, зæгъгæ, дам, Эскобар у дунейы 7-æм хъæздыгдæр адæймаг, 25 миллиард долæры дарæг.[3] 1986-æм азæй æнтыстджынæй архайдта Колумбийы политикæйы дæр.

Фехстой йæ Колумбийы пъæлицæйы кусджытæ Медельины сахары, йæ цæфтæй фæмард.

Фиппаинæгтæ

  1. Pablo Emilio Escobar 1949 - 1993 9 Billion USD - The business of crime - 5 'success' stories. businessnews.za.msn.com. Датæ: 2011-æм азы 1 августы.
  2. 9 of the Wealthiest Criminals in History | Naked Law by Avvo.com. nakedlaw.avvo.com. Датæ: 2011-æм азы 1 августы.
  3. BBC NEWS | Americas | Mexican 'drug lord' on rich list, BBC News, BBC. Фæстаг фенд August 1, 2011.

Литературæ