Карелийы Республикæ
Внешний вид
Хуызæг:Уæрæсейы Федерацийы субъект Республикæ Карели (Каре́ли, Ка́рьяла; уырыс. Республика Карелия, карел. Karjalan tazavaldu, кæнæ Karjalan respubliekku, фин. Karjalan tasavalta, вепс. Karjalan Tazovaldkund) у Уæрæсейы республикæ Цæгат-Ныгуылæн федералон зылды. Республикæйы сæйраг сахар у Петрозаводск (фин. Petroskoi [петроской]).
Йæ фæзуатмæ гæсгæ Карели Уæрæсейы Федерацийы субъектты ’хсæн ахсы 20-æм бынат (172,4 мин км²). Карелийы фæзуатæй фылдæр хай ахсы хъæд (паддзахадон хъæды резерв, æдæппæт 148 мин км², ома республикæйы 85%).
Куыд сыхаг Финляндийы, афтæ Карелийы дæр ис тынг бирæ цадтæ. Уыдон ахсынц республикæйы фæзуаты 14%. Цадты нымæц у 60 мины бæрц, уыдонæй стырдæртæ сты Ладогæйы æмæ Онегæйы цадтæ — Европæйы дынджырдæртæ.