Перейти к содержанию

Чиндзи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Киндзæйы ныв

Киндзæ (Кориандр дæр, латинаг классификацимæ гæсгæ Coriandrum sativum L.) у популярон цæхæрадоны кæрдæг. Ацы кæрдæгæй адæм рагæй базыдтой, игæрæй маст æддæмæ кæй тæры, уый. Йæ мыггæгтæ йын амонынц С-авитаминозы (цингайы) ныхмæ. Хосæн хорз сты йæ цъæх сыфтæ. Бафтауынц сæ алыхуызон салаттыл, бутербродтыл æмæ дзидзайæ конд алыхуызон хæринæгтыл. Йæ мыггæгтæй дзæвгар хъæздыгдæр свæййынц аджикæ, цæхджынтæ, маринадтæ. Сты «Хмели-Сунелийы» ахсджиаг æфтауæн.

Киндзæйы нæмгуытæ дæттынц зынаргъ зети — уымæй пайда кæнынц техникæ æмæ парфюмерийы.

Киндзæйы дидинджытæ æвзæры бирæ нектар, уымæй мыдыбындзытæ кæнынц адджын æмæ рæсугъд сырхбын мыд.