Перейти к содержанию

Чиндзи: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 11: Рæнхъ 11:
| species = '''Чиндзи'''
| species = '''Чиндзи'''
| latin = {{btname|Coriandrum sativum|[[L.]]}}
| latin = {{btname|Coriandrum sativum|[[L.]]}}
| syn =
|syn =
* {{bt|Bifora loureiroi|[[Kostel.]]}}
* {{bt|Coriandropsis syriaca|[[H.Wolff]]}}
* {{bt|Coriandrum diversifolium|[[Gilib.]]}}
* {{bt|Coriandrum globosum|[[Salisb.]]}}
* {{bt|Coriandrum majus|[[Gouan]]}}
* {{bt|Selinum coriandrum|[[E.H.L.Krause]]}}
| wikispecies = Coriandrum sativum
| wikispecies = Coriandrum sativum
| commons = Coriandrum sativum
| commons = Coriandrum sativum

Фæлтæр 11:52, 26 августы 2022

Чиндзи
Чиндзи
Зонадон классификаци
Паддзахад: Зайæгойтæ
Хайад: Дидинæгджын зайæгойтæ
Кълас: Дыхайон зайæгойтæ
Къорд: Apiales
Бинонад: Аууондархуызтæ
Мыггаг: Coriandrum
Хуыз: Чиндзи
Латинаг ном
Coriandrum sativum L.
Синонимтæ
ITIS 29622
NCBI 4047

Чиндзи[1][2][3] кæнæ тымбыл хъонтхора, дыгур. кендзе (лат. Coriandrum sativum, уырыс. Кориандр) у популярон цæхæрадоны кæрдæг. Ацы кæрдæгæй адæм рагæй базыдтой, игæрæй маст æддæмæ кæй тæры, уый. Йæ мыггæгтæ йын амонынц С-авитаминозы (цингайы) ныхмæ. Хосæн хорз сты йæ цъæх сыфтæ. Бафтауынц сæ алыхуызон салаттыл, бутербродтыл æмæ дзидзайæ конд алыхуызон хæринæгтыл. Йæ мыггæгтæй дзæвгар хъæздыгдæр свæййынц аджикæ, цæхджынтæ, маринадтæ. Сты «Хмели-Сунелийы» ахсджиаг æфтауæн.

Чиндзийы нæмгуытæ дæттынц зынаргъ зети — уымæй пайда кæнынц техникæ æмæ парфюмерийы.

Чиндзийы дидинджытæ æвзæры бирæ нектар, уымæй мыдыбындзытæ кæнынц адджын æмæ рæсугъд сырхбын мыд.

Фиппаинæгтæ

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I-æм том. 596 ф.
  2. Техов Ф. Д. Названия растений в осетинском языке. Цхинвали: Издательство «Ирыстон».
  3. Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.